«Зӕлтӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц»: фолк-къорд Ragon Bal цӕттӕ кӕны ног программӕФӕсивӕд тырнынц ног зӕлынадмӕ. Иу концертӕй иннӕмӕ программӕ дзӕвгар аивы. Суанг ма уыцы-иу уацмыстӕ алыхуызон акӕнынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма ныр Ragon Bal-мӕ ис сӕхи фыст музыкӕ. «Мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ ног музыкӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн. Гыццыл ӕндӕрхуызон уыдзӕн. Нӕхи зӕрдӕмӕ цӕуы. Рӕстӕг куыд ӕвдисы — нӕхи зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕм дӕр фӕндаг ссары», — зӕгъы Ragon Bal-ы музыкант Берозты Таму.Музыкалон проект «Рагон» сырӕзт адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары. Национ къорд саразыны хъӕппӕрис фӕзынд Лалыты Хъазыбегмӕ. Йӕ разамонӕг та сси Берозты Таму. Куыд нын радзырдта, афтӕмӕй алы концерты фӕстӕ музыканттӕ фылдӕр кодтой. Сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты «Уацамонгӕ»-йы уӕнгтӕ дӕр. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ Ragon Bal кодта хъуыстгонддӕр ӕмӕ парахатдӕр, сси фидар коллектив. «Концертон альбом куы рацыд, уӕд нӕ интернеты адӕмы бон ссарын нӕ уыд. Уӕд рахастам уынаффӕ къорды номмӕ «бал» — «band» бафтауын. Афтӕмӕй нӕ иннӕтимӕ ничи хӕццӕ кӕны», — зӕгъынц къорды уӕнгтӕ.Къордмӕ ис 12 рагон ирон музыкалон инструменты. Нӕй сӕм хъырнӕг фӕндыр, зын ласӕн у. Бахъуаджы рӕстӕг та сӕхӕдӕг фӕхъырнынц, кӕнӕ та сэмплтӕй спайда кӕнынц. «Фыццаджыдӕр нӕм сты Моурауты Сосланы конд музыкалон инструменттӕ. Уымӕй уӕлдай нӕм фӕкӕсынц Деметы Зауыр, Гӕлӕуты Вале. Уадындзтӕ нын кӕны Антон Платонов Новороссийскӕй. Лалым-уадындз нын скодта Денис Сухой Белоруссийӕ. Тынг нӕ фӕнды музыкӕ мах куыд фӕнды, ахӕм хуызы цӕгъдын. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй уый тыххӕй ма ӕфхӕрой», — зӕгъынц къорды уӕнгтӕ.Ныртӕккӕ къорды ис 7 адӕймаджы: Хъайтмазты Алинӕ, Хъотайты Аделинӕ, Дзаболаты Вадим, Чихауиты Георгий, Хъыргъаты Сӕрмӕт, Гуацъæты Хъазыбег ӕмӕ Берозты Таму. Ног концертон программӕ равдисдзысты 7-ӕм августы Гӕздӕнты Булаты номыл оркестры залы. Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс